Нӕ республикӕйы Сӕргълӕууӕг Битарты Вячеслав раарфӕ кодта ӕхсӕнадон змӕлд «Ирӕтты уӕлдӕр совет»-ы сӕрдар Кучиты Русланӕн йӕ юбилейы тыххӕй.
Куыд бацамыдта, афтӕмӕй Кучиты Руслан у тынг бӕрнон, сыгъдӕгзӕрдӕ, цӕгатирыстойнӕгтӕн пайда ‘рхӕссынмӕ чи тырны, ахӕм адӕймаг.
Национ традицитӕ парахат кӕныны ӕмӕ рӕзгӕ фӕлтӕры хъомыладмӕ бар дарыны тыххӕй Кучиты Русланы схорзӕхджын кодта майдан «Ирыстоны Намысӕн»-ӕй.
Республикӕйы разамындӕй ахӕм ӕууӕнк ӕнкъарыны тыххӕй Кучиты Руслан бузныг загъта Битарты Вячеславӕн.
РЦИ-Аланийы Сӕргълӕууӕджы ӕмӕ Хицауады пресс-службӕ